Абон Ирыстоны нысан кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Ацы бон 1899-æм азы рухсмæ рацыд ирон литературæ æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы сæйраг чиныг «Ирон фæндыр».
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон у Ирыстоны национ бæрæгбонтæн сæ зынгæдæртæй иу. Уымæ гæсгæ бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны æппæт ахуырадон уагдæтты дæр: тематикон мадзæлттæ, литературон изæртæ, гом уроктæ, конкурстæ, викторинæтæ.
Фидарæй-фиддардæр кæнæд ирон æвзаг, рæзæд æмæ уæд цæрдхъом, сбирæ уæд ирон æвзагыл дзурджытæ!
Ирыстоны кæстæртæ! Уæ зæрдыл дарут Абайты Васойы фæдзæхст:
«Мæ кæстæртæм!
Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын, уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты ‘хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хæдзары мидæг, бинонты хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй: “АМ ИРОНАУ ДЗУРЫНЦ!”»